Сергей Меняйло ма абон бафыста кадрты фæдыл къорд указтæ
Сергей Меняйло ма абон бафыста кадрты фæдыл къорд указтæ. Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юрий нысангонд æрцыд вице-премьеры бынатмæ – Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон райрæзты министрæй. Бæгъиаты Аланы ногæй снысан кодтой национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрæй. Гуыдиаты Батрадз баззад республикæйы культурæйы министрæй. Атарты Олег дарддæр разамынд дæтдзæн промышленность æмæ инвестициты министрадæн, Бæззаты Вадим та регионы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрадæн. Фрайты Сослан дæр ногæй нысангонд æрцыд физкультурæ æмæ спорты министрæй. Ног разамонæг фæзынд хъæууон хæдзарады министрады. Уый сси Тауаситы Алан. Раздæр 2023-æм азы августæй 2024-æм азы апрельмæ уыд министры хæдивæг. 2024-æм азы апрелæй 2026-æм азы январьмæ та куыста Запарожьейы облæсты прокуратурæйы. Ис юстицийы уынаффæгæнæджы цины. Министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан та дарддæр кусдзæн ведомствæйы разамонæджы фыццаг хæдивæгæй.
Название:
Сергей Меняйло ма абон бафыста кадрты фæдыл къорд указтæ
Категория:
Новости и СМИ