Дзӕуджыхъӕуы 22-ӕм скъолайы бындурыл ацыд Ӕппӕтуӕрӕсеон муниципалон къӕпхӕн литературӕйӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

2 дня назад

Аудитори ныссабыр, æргом здæхт у хæслæвæрдтæм. Республикæйы алы скъолаты минæвæрттæ сæ зонындзинæдтæ бæрæг кæнынц скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы муниципалон къæпхæны литературæйæ. Цӕболты Линӕ фыццаг аз нæ архайы. Сæйрагдæрыл нымайы хорз бæрæггæнæн равдисын æмæ призерты хыгъдмæ бахауын. Скъолайы къæпхæн ныффыссын мӕ къухы бафтыд. Афӕдзы райдианӕй фӕстӕмӕ цӕттӕ кодтон. Мæ ахуыргæнæг мæ фарсмæ балæууыд. Ам мӕ бон у мӕ зонындзинӕдтӕ, ахуыры ӕнтыстдзинӕдтӕ равдисын. Мæ скъолайы минæвар дæн æмæ мыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый æмбарын. Тынг тыхсын, фæлæ мын æхсызгон у ам кæй дæн, ацы къæпхæнмæ кæй бахæццæ дæн, мæ зæрдæ дарын дарддæр ацæуын дæр мæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл. Ацы аз муниципалон къæпхæн цӕуы Дзӕуджыхъӕуы 22-ӕм скъолайы бындурыл. Олимпиадӕ æрбангом кодта 300 архайӕгӕй фылдӕр. Се 'хсæн 7-æй 11-æм кълӕсты ахуырдзаутæ. Фæсивæдæн уый хорз фадат у сӕ зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн ӕмӕ сӕ дарддӕры къӕпхӕнтыл равдисынӕн. Скъоладзауты 'хсæн æппӕтуӕрӕсеон олимпиадӕйы муниципалон къæпхæны архайынц сывӕллӕттӕ муниципалон ӕмӕ паддзахадон скъолатӕй. Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзаутæн æмæ призертæн сӕ бон у бӕстӕйы хуыздӕр уӕлдӕр скъолатӕм ӕнӕ фӕлварӕнӕй бацӕуын. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, разӕнгард кӕны нӕ сывӕллӕтты. Махӕн та уый у хуыздӕрты сбæрæг кæныны гæнæн. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадӕ алы аз дӕр арӕзт цӕуы 24 предметӕй. Фӕлварӕнты хӕслӕвӕрдтыл кусынц регионалон предметон-методикон къамистӕ. Хынцинаг у æрмæст скъолайы программӕ зонын нӕ, фӕлӕ алы уавæрты раст сарæхсын ӕмӕ информаци анализ кӕныныл архайын. Абон хæслæвæрдтæ уыдзысты теорийы хуызы, эрудицийы хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон блок. Нӕ зӕрдӕ дардзыстӕм, сӕхи хорз кӕй равдисдзысты, ууыл. Уый суыдзӕн бындур скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадӕйы регионалон къӕпхӕн ацӕуынӕн. Литературæйæ скъоладзауты 'хсæн æппæтуæрæсеон олимпиадæйы къæпхæнтæ ацыдысты ацы аз октябры бæстæйы æппæт скъолаты дæр. Муниципалон ӕмвӕзад — интеллектуалон ерысы дыккаг къӕпхӕн. Разӕй, хъӕугӕ баллты нымӕц чи райса, уыдонӕн регионалон къӕпхӕн. Уый фæстæ та кæронбæттæн. Уым фæмбæлдзысты Уæрæсейы тыхджындæр скъоладзаутæ.  — Абон литературӕйӕ олимпиадӕты ис 354 архайӕджы. Сæ кармæ гæсгæ сæ ныддих кодтой аудиторитыл. Алцыдӕр цӕуы фæткмæ гæсгæ, мадзал райдыдта афоныл. Ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмвӕзадыл чи фӕуӕлахиз вӕййы, — уыдон ӕнӕ фӕлварӕнтӕй ацӕуынц, цы уæлдæр ахуыргæнæндон равзарынц, уырдæм. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадӕйы уӕлахиз фæсивæды раз гом кӕны уӕлӕмхасӕн гӕнӕнтӕ. Кӕронбӕттӕн къӕпхӕны дипломтӕ ӕнцондӕр кӕнынц уӕлдӕр ахуыргæнæндæттæм бацӕуын олимпиадӕйы профилы къабӕзтӕм. Джиоты Данæ

Название:

Дзӕуджыхъӕуы 22-ӕм скъолайы бындурыл ацыд Ӕппӕтуӕрӕсеон муниципалон къӕпхӕн литературӕйӕ

Категория:

Новости и СМИ