Футболон клуб "Æрыдон"- мæ сæрмагонд æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ райстой ног футболисты
Футболон клуб "Æрыдон"-ы фæзынд ног футболисттæ. Иннæ азы райдиан командæйы ног уæнгтæ сæ тыхтæ бафæлвардзысты æртыккаг лигæйы. Республикæйы алы командæтæй 200 архайæджы спортивон цæттæдзинад æмæ арæхстдзинадæн аргъ кодтой фæлтæрдджын тренерты штаб сæрмагонд æркасты турниры. Уый ацы къуыри ацыд Æрыдоны. Ерыстæ сарæзтой æрыгон амалхъомты хъæппæрисæй. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста фæсивæдон командæ "Алани", фæуæлахиз "Æрыдон"-ы футболисттыл. Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты футболисттæ. Æркасты хатдзæгтæм гæсгæ равзæрстой хуыздæр футболистты - се 'хсæн куыд æрыгон спортсментæ, афтæ фæлтæрдджынтæ дæр. Тренерты зæрдæмæ уæлдай тынг фæцыд æвзонг архайæг Джиоты Сослан. Турниры сæйраг хæс - фæсивæдæн фадат радтын профессионалон къæпхæнмæ рахзизынæн æмæ фæлтæрддзинад райсынæн
Название:
Футболон клуб "Æрыдон"- мæ сæрмагонд æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ райстой ног футболисты
Категория:
Новости и СМИ